Юридикон  фарстаты комитеты рабадтмæ, Тина  Бокучава æмæ  Элене Хоштариа, бацыдысты  Бидзина Иванишвилийы   маскæтимæ
Юридикон фарстаты комитеты рабадтмæ, Тина Бокучава æмæ Элене Хоштариа, бацыдысты Бидзина Иванишвилийы маскæтимæ

Гуырдзыстоны  парламенты   юридикон  фарстаты   комитеты рабадтыл,  кæцыйыл  прокурроры   бынатмæ  кандидат  Ираклий Шотадземæ   хъуамæ  байхъусой,  хъæлæба сырæзт.

«Европаг Гуырдзыстоны»  уæнг   Элене Хоштариа  æмæ «Националон Змæлды»   минæвар Тина Бокучава,  залмæ бацыдысты  æмæ  Ираклий Шотадзейы схуыдтой  Бидзина Иванишвилийы  цагъайрагæй.  Комитеты  рабадтмæ Тина  Бокучава æмæ  Элене Хоштариа, бацыдытсы  Бидзина Иванишвилийы   маскæтæй.

Рабадты  сæрдар   Анри Оханашвили сæм  цалдæр æрсидтис  сабырдзинадмæ.

«Банцайут,  уæ  перфоманстæ  уæхимæ ныууадзут.  Уæ  бон  у  баззайат  ам,   фæлæ уæхи корректонæй  дарут, парламенты  уæнгтæм куыд æмбæлы   афтæ, æмæ  бавдисут  фарстытæ.  Ахæм æнæбæрнон   парламенты  уæнгты ахасты фæдыл нæ цæудзыстæм,  ахизæм  кусæн форматмæ», – райхъусын  кодта Анри Оханашвили.