Юридикон Фарстаты Комитет «Деолигархизацийы фæдыл» закъонопроектимæ сразы ис
Гуырдзыстоны парламенты юридикъон фарстаты комитет æртыккаг хъусынæй, дыккагыл хъусыны æрыздæхгæ «деолигархизацийы фæдыл» закъонопроект æркастис, кæцыйы бавдыст сты Венецийы Комиссийы рекомендацитæ.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, олигархыл нымад цæудзæн гоймаг, кæд уый хайад исы политикон царды, медиафæрæзтыл йын ис æндæвдад æмæ йæм ис нысаниуæгджын экономикон ресурс.
Проекты фыст сты ис æртæ дæр критерийы æмбарынгæнæнтæ.
Ивддзинадмæ гæсгæйæ, гоймагы олигархыл банымады бар уыдзæн антикоррупцион бюромæ Гуырдзыстоны хицауады бæсты.
Антикоррупцион бюро хæсджын уыдзæн, æххæстаргъджын иртасæн ауадзын, цæмæ рабæрæг кæн, у æви нæ гоймаг олигарх.
Антикоррупцион бюройы гоймагы олигшархыл банымады кæнæ нæбанымады фæдыл уынаффæ, тæрхондоны æрдгæй контролы дæлбар у кæнæ та йыл ис гæнæн бахъаст кæнын æмæ уый фадат ис дыууæ инстанцийæ.
Гоймагы олгархыл банымады фæдыл уынаффæ йæ тыхмæ нæ бахиздзæн, цалынмæ не фæуыдзæн тæрхоны хъуыддаг.
Юридикон комитеты сæрдар Анри Оханашвилийы дзырдæй, Венецийы Комиссийы рекомендацийы бындурыл, законопроектæй ист æрцыд олигархыл нымад гоймагæн бæрæг тобæ: политикон партийы, æвзарæнон субъекты, æвзарæнон кампанийы, æмбырды æмæ манифестацийы финансдзинады фæдыл.
«Уымæ æмбæлгæйæ дæр, олигархыл нымад æмæ реестры уагхд гоймагæн иунæг тобæ уыдзæн – приватизацион объекты приватизацийы процессы, æлхæнæгæй хайад райсыны тыххæй тобæ» – банысан кодта Анри Оханашвили.