Юбилейтæ, чындзæхсæвтæ, хист æмæ æндæр ритуалон мадзæлттæ райсомæй уыдзысты фæдзæхст
Юбилейтæ, чындзæхсæвтæ, мардкæндтæ æмæ æндæр ритуалон мадзæлттæ уадзын райсомæй фæдзæхст уыдзæн, – уый фæдыл хиауады администрацийы къухдариуæггæнæг Натиа Мезвришвили, координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд а.х. социалон мадзæлттæ райсомæй тобæгонд уыдзæн куыд æхгæд – афтæ гом тыгъдадты дæр.
«Иттæг нысаниуæгджын уынаффæ рахастам а.х. социалон мадзæлтты тыххæй, цахæм дæр сты юбилейтæ, чындзæхсæвтæ, хисттæ æмæ æдæр ритуалон мадзæлттæ. Эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ, ист æрцыд уынаффæ, райсомæй социалон мадзæлттæ уыдзысты фæдзæхст, æздæхæм уыцы арæнæвæрдмæ, кæцы ныры онг уыд, – чындзæхсæвтæ, хисттæ, юбилейтæ. Ацы арæнæвæрд ныр дæр архайы æхгæд тыгъдадты, Райсомæй та аххæсдзæн гом тыгъдадтæм дæр», – райхъусын кодта Мезвришвили.
Спортивон мадзæлтты тыххæй куы зæгъæм, уым дæр уæвæг эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ, ист æрцыд уынаффæ, культурон æмæ спортивон мадзæлтты 200 адæймагæй фылдæр, хайдисын арæн скæнын.