Социалон  мадзæлтты, чындзæхсæвты, гуырæнбонты, зианты  уадзын  уæгъд  уыдзæн фыццаг мартæй
Социалон мадзæлтты, чындзæхсæвты, гуырæнбонты, зианты уадзын уæгъд уыдзæн фыццаг мартæй

Социалон  мадзæлтты,  чындзæхсæвтæ,  гуырæнбонтæ,  зианты  ауадзын   фыццаг мартæй уæгъдибар уыдзæн, –у ый фæдыл  æхсæнуагдонон  координацион советимæ архайæг  оперативон штабы  хистæр Гиорги Гъибрадзе райхъусын кодта.

Уыимæ ма,  йæ дзырдæй,  зæгъгæ  хæрæндон объектты, æхгæд тыгъдады  иу  фынгыл  гæнæн уыдзæн   10 адæймагы  рабадын кæнын, æрмæст гом тыгъдадты  та, фæнысангонд  адæймæгты нымæц  15-ы онг фæфылдæр кæндзысты.

«Хæрæндæтты  тыххæй куы зæгъæм,   координацион  советыл  ист уыдис уынаффæ,  цæмæй  æхгæд тыгъдадты иу фынгыл  гæнæн уыдзæн   10 адæймагы  рабадын кæнын.  Зонут, цæмæй ныры онг  гæнæн уыдис æрмæст  æхсæз адæймагы  уæвын иу  фынгыл цур  æмæ гом тыгъдадты  та, фæнысангонд  адæймæгты нымæц  15-ы онг фæфылдæр  уыдзæн  10-ы  бæсты.  Афтæдæр ивд цæуы  уазджыты максималон  нымæцыл архайæг арæнæвæрд.

Социалон мадзæлтты тыххæй  куы  зæгъæм,    раст уыцы  логикæйæ,  æз  цы ранымадтон, æхгæд тыгъдадты   иу  фынгыл  10  адæймаг æмæ   гом  тыгъдады 15, гæнæн уыдзæн социалон  мадзæлттæ  уадзын, куыд  чындзæхсæв,  гуырæнбонтæ, зиантæ æмæ а.д.», – райхъусын кодта  Гиорги Гъибрадзе.