Гуырдзыстоны 2013 азы онг уагъд  хæдтулгæты  импорты арæнгонд уыдзæн, арæнæвæрд не ххæссы  ныридæгæн регистрацигонд хæдтулгæтæм
Гуырдзыстоны 2013 азы онг уагъд хæдтулгæты импорты арæнгонд уыдзæн, арæнæвæрд не ххæссы ныридæгæн регистрацигонд хæдтулгæтæм

Гуырдзыстоны  2013 азы  онг  уагхд  хæдтулгæты импорт  арæнгонд уыдзæн – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, ираклий Гъарибашвили   хицауады  абоны  рабадтыл райхъусын кодта.

«Ахицæн кодтам,  бæстæйы æрбайсæм   «автомобильты  «евро 5»-ы  стандарт. Уый  практикæйы нысан кæны,ц æмæй 2013  азы онг уагъд  автомобилты  импорт тобæгон уыдзæн. Нæ фæндон æмæ уынаффæ ахæм у, цææмй   регуляци, рог  автомобильтæн  йæ тыхмæ бахиза 2024 азы  фыццаг январæй, æрмæст  автобусты æмæ  уæзласæн хæдтулгæтæн, 2025  азы  фыццаг  январæй.  Ууыл нырма   уынаффæ   кæнæм» – райхъусын кодта  Ираклий Гъарибашвили.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд датæтæй   бæстæйы регистрацийы нал ауадздзысты  «Евро-5»-ы стандартæй  ныллæгдæр  гъæды хæдтулгæ.

«Цæй зæгъын æй хæъуы ист уынаффæ нæ баххæсдзæн   бæстæйы  ныридæгæн уæвæг   хæдтулгæтæм,афтæма    рээкспорты æмæ транзиты нысæнттæн æрцæугæ  хæдтулгæтæм» – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.

Премьер-министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  фæнысангонд уынаффæты нысан у æрдзы счъиззийы  фæкъаддæр.