Эстонийы  хъахъхъæнынады министрады канцлер -  НАТО-йы  информацийæ, ивгъуыд бонты  Уæрæсе  имитацигонд ракетон бырстытæ сыххæст кодта Балтийы бæстæтыл
Эстонийы хъахъхъæнынады министрады канцлер - НАТО-йы информацийæ, ивгъуыд бонты Уæрæсе имитацигонд ракетон бырстытæ сыххæст кодта Балтийы бæстæтыл

НАТО-ы информаци равзæрæнты хъусингæй,  ивгъуыд бонты, Уæрæсе  имитацигонд  ракетон хафт сыххæст кодта   Балтийы  бæстæтыл, – фæнысангонд фæдыл  Эстонийы  хъахъхъæнынады  министрады канцлер  Кусти Сал  финнаг  медиимæ  интервьюйы  фехъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ  имитацигонд ракетон  хафты фæдыл, ахуыртæ  ацытæккæ дæр цæуынц  Уæрæсейы  территорийыл.

Эстонийы хъахъхъæнынады министрады  канцлеры  фидиуæнæй,   имитацигонд  зафтæй  уæлдай ма, уырыссаг   хæрдмæтæхджытæ  цалдæр боны размæ  Эстонийы  уæлдæфон тыгъдадмæ  батахтысты.  НАТО-йы  информацийæ, уырыссаг  хæрдмæтæхджытæ  ахуыртæ  уадзынц   бырсæнцыды.

Эстонийы хъахъхъæнынады министрад  фæнысангонд  уавæры  тынг серьозоныл нымайы.

«Уырыссæгтæ  хъуыды кæнынц, цæмæй  хæдбарады аккаг не стæм.  Уый бæлвырдгæнæн у  сæ фæстаг  операцитæ æмæ  стратегион коммуникаицтæ», –  райхъусын кодта Кусти Сал.

Банысанкæнинаг у, цæмæй эстонйиы фæсмарæн хъуыддæгты министрадмæ  уырыссаг  хæрдмæтæхæг  бастæйы уæлдæфон тыгъдад кæй  фехæлдта,  уый тыххæй  протесты нысанæн фæсидтысты Уæрæсейы минæвармæ.