Йерусалемы, Биньамин Нетаньяхойы резиденцийы цур æрымбырдуæвæг демонстрантты ныппырх кæнынæн пъæлицæй цæссыгуадзæн газ ауагъдта
Йерусалемы Израилы премьер-министр, Бильянмин Нетаньяхойы резиденцийы цур æрымбырдуæвæг демонстрантты ныссæндынæн, пъæлицæй цæссыгуадзæн газ ауагъдта. Информаци хъусын кæны Израилы медиа.
Акцийыл цалдæр быцæуæмбæлд æрцыд, фæлæ æрцахстыты фæдыл информаци нæ хæлиу кæны.
Израилы хъахъхъæнынады министры постæй ссæрибар кæны фæстæ бæстæйы горæтты масштабон акцитæ цæуынц.
Израилы пъæлицæй фидиуæнæй, протестон акцитæ демократийы бындур сты фæлæ æнæруадзгæ у æхсæнадон змæстытæ, хицауады символты, инфраструктурæйы æмæ пъæлицæйы кусджыты зиан кæнын.
Израилы университеттæ тæрхонон реформæйы тыххæй 27 мартæй куыстурæд хъусын кæнын. Израилы националон æдасдзинады министр Итамар бен Гвир уавæрæн аргъ скæнынæн, Йерусалеммæ, пъæлицæйы штабмæ араст ис.