Индонезийы спротест кодтой Йерусалемы  Израилы сæйраг сахарæй  банымад
Индонезийы спротест кодтой Йерусалемы Израилы сæйраг сахарæй банымад

Индонезийы сæйраг сахар Джаккартайы  массон  протестон  акци  сырæзт. Демонстранттæ  бафаудтой,  АИШ-ы  президент Дональд Трамп,  Йерусалемы Израилы  сæйраг сахарыл   банымайын кæй аскуыддзаг кодта уый.

Митингы  зæгъæн ис  40 мин   адæймаг   истой  хайад. Активисттæ  антиамерикаг лозунгтæ  хъæр кодтой  æмæ  АИШ-ы дипломативон    минæварады  бæстыхайы  æрдæм ацæуын бацархайдтой.  Бынатыл мобилизацигонд уыд полици дæр.

Дональд Трамп  Йерусалемы Израилы сæйраг сахарæй  банымайыны фæдыл скуыддзаг кæй райста уый фæстæ,  Джаккартайы  бирæминон  акцитæ  сырæзт.  Демонстранттæ  фæнысангонд скуыддзагы аивын курынц.