Фæндыд мæ мæхи уыцы уавæрты баппарын, цы уавæрты дæр ерын ис дохтыр Важа Гаприндашвили. Фехæлдтаин сæ закъæттæ, фæныхас кодтаин, бацыдаин, куыд æххуысагурæг афтæ – уый фæдыл Тбилисы Сакребулойы депутат, Эрекле Къухианидзе, оккупацион хаххы цур уæвæг хъæу Сакъоринтлойы райхъусын кодта.
Къухианидзе куыд банысан кодта афтæмæй, оккупацигонд Хуссар Ирыстоны территоримæ бахизын архайдта.
«Знон æхсæв бахъавыдтæн. Мæхи зондæй араст дæн æмæ цыдæр талахъæдмæ бацыдтæн. Абон та ацы хъуыддаг бæрæг уыдис æдасдзинады куыстæн æмæ сын загътон зæгъгæ кæдæм мæ бон бауа уый æнгты бацæудзынæн зæгъгæ. Фæндыд мæ уырдæм ахизын, мæхи раттын æмæ семæ ныхас кæнын уыцы æвзагыл кæцы дæр зонынц» – райхъусын кодта Къухианидзе.
Тбилисы сакребулойы уæнг «Гуырдзиаг Бæллиццæй» Эрекле Къухианидзейы абон фылдæрты рæнхъытæй рацух кодтой. Бакой уын кæндзыстæм Тбилисы сакребулойы уæнг Эрекле Къухианидзе социалон хызагы публикаци скодта куырдиат, кæцыйæ уый дохтыр Важа Гаприндашвилийы бинонты провокацийы фæзылынджын кодта.