Энтони Блинкен Пекинмæ ныццыд
Энтони Блинкен Пекинмæ ныццыд

АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  дыууæбонон  визитæй   Пекинмæ ныццыд.  Уый фæстаг фондз азы   дæргъы   америкаг  дипломаты  фыццаг   визит у  Китаймæ.   Визиты  нысан у  дыууæ бæстæйы æхсæн  ахастыты  нормализаци, кæцы фæстаг периоды   ныттынг ис.

Энтони Блинкен   Пекинмæ визиты  иу мæйы размæ  план кодта, фæлæ  уæд Иугонд Штатты  тыгъдады  Китайаг  уæлдæфон  пуртийы  бахызт   дыууæ бæстæйы æхсæн  ахастытæ  ныттынг кодта.   Иуæй-иу  сæйраг  фарста  ныр бæрзонд æмвæзадыл   коммуникацион хаххы  сног у.

Энтони Блинкен  фембæлдзæнис китайаг коллегæимæ æмæ  æндæр бæрзонд гæстимæ.

Китайимæ  ахастыты   нормализациимæ иумæ   комментари сарызта  АИШ-ы  президент Джо Байден  дæр, кæцы æввахзс  фидæны   С. И. Дзинпинимæ  фембæлды ныфс   равдыста.