Энтони Блинкен  3  ноябры Израилмæ ныццæудзæн
Энтони Блинкен 3 ноябры Израилмæ ныццæудзæн

АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен  майрæмбон,  3  ноябры  Израилмæ ныццæудзæн.  Уый фæдыл паддзахадон департаменты спикер, Мэтью Миллер фехъусын кодта.

«Блинкен майрæмбоны абалц  кæндзæн Израилмæ, цæмæй  фембæлдтæ ауадза  Израилы  хицауады  минæвæрттимæ æмæ  стæй  фембæлдтæ ауадздзæн   регионы æндæр бæстæты дæр» –  загъта  Миллер.

Бакой уын кæндзыстæм  цæмæй  7  октябры «Хамасы» сæххæст  бырсты  фæстæ, Блинкен  Израилмæ дыууæ хатт ныццыд.  Уый афтæдæр уыдис  Иорданийы, Катары, Бахрейны, Сауды Аравийы, Иугонд Арабаг Эмиратты  æмæ Египеты.