Йенс Столтенберг -  Уæрæсейæ домæм, фæстæмæ ахæсса Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» регионты хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ  æмæ  акæна йæ æфсад  уырдгæй
Йенс Столтенберг - Уæрæсейæ домæм, фæстæмæ ахæсса Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» регионты хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ æмæ акæна йæ æфсад уырдгæй

Уæрæсейæ  домæм,  фæстæмæ ахæсса  Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны»  регионты   хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ  æмæ  акæна йæ æфсад  уырдгæй –  уый фæдыл   НАТО-йы  генералон нымæрдар   Йенс Столтенберг  Брюсселы, Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариаимæ  фембæлды фæстæ пресс-конференцийыл загъта.

Столтенберг  фæныхас кодта  темæтыл, кæцытыл  Гахариамæ  фембæлды рæстæджы  ныхас кодтой.

«Нæ  фембæлды рæстæджы  фæныхас кодтам  Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы  æхсæн  æнгом æмкуыстдзинадыл Сау Денджызы  æдасдзинады  æрдгæй. Цæугæ азы  райдайæны  æмцæдисонтæ  æрныхас  кодтой  партнерад ноджы фылдæр фæтынг кæныныл.  Уый æххæссы   уæлдæфон  змæлды  радарты  бæрæггæнæнты базæ кæрæдзийæн   зонгæ кæнын, киберæдасдзинадыл  иумæйагæй  куыстмæ,  афтæдæр  иуæймаг ахуыртæ ауадзын  Сау Денджызы регионы.

НАТО æнцой дары  Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинад  æмæ  суверенитетæн  æхсæнадæмонæй  нымад арæнты.  Уæрæсейæ домæм  фæстæмæ ахæсса ахæсса  Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны»  регионты   хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ  æмæ  акæна йæ æфсад  уырдгæй.

Райгонд стæм  Гуырдзыстоны прогрессæй реформæты  сæххæсты  æрдæм.  Уæ  бæстæйæн  ныридæгæн ис диссаджы прогресс  гарзджын тыхты  модернизацийы  æмæ  демократийы  фæтынг кæныны  æрдгæй.  Нæ æрвитæггаг у  ахæм, адарддæр кæнут  алы  фадæттæй  æххæстæй пайда кæнын НАТО-имæ æрыввахсы  тыххæй æмæ  уæнгæй суæвынмæ уæхи бацæттæ кæнынæн.

Хъуыды  кæнæм,  цæмæй  æвзæрстытæ уыдзæн   бæрзонддæр стандарттæм æмбæлон.  Уый æнæмæнгхъæугæ у  Гуырдзыстон æмæ НАТО-йæн дæр. Гуырдзыстонимæ НАТО-ы  партнерады руаджы нæм алкæмæ æфты фылдæр æдасдзинад» –  хъусын кæны  Йенс Столтенберг.