Йенс Столтенберг- Уæрæсе архайы сыххæгты кантрол кæнын, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинæйы куыд кæны афтæ
Уæрæсе архайы сыххæгты кантрол кæнын, уый Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинйы куыд фæбæрг афтæмæй – уый фæдыл португалиаг телекомпанийæн лæвæрд интервьюйы загъта НАТО-йы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг. Столтенбергы интервьюйы хайы публикаци кæны «Дойче Велле».
«Мах «уазал хæстæмæ» нæ рыздæхтыстæм, фæлæ ацы рæстæджы мах не стæм Уæрæсеимæ стратегион партнерады уавæрты, «уазал хæсты» фæуды фæстæ куыд архайдтам афтæ. Проблемæ уый у, æмæ Уæрæсейы ахицæн кодта, йæ æндæвдады сферæтæ сæндидзын кæнын, архайы сыхæгты кантрол кæнын уый Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинйы куыд фæбæрг афтæмæй» – расидтис Йесн Столтенберг.
Альянсы генералон нымæрдары ныхæстæм гæсгæ, ног «уазал хæсты» æмæ Уæрæсеимæ конфронтацийæ хибахизынæн, НАТО хъуамæ равдиса хъæддыхдзинад æмæ хъомысджын кæй у уый.
«Нæдæр НАТО æмæ нæдæр æз – Уæрæсейы арæнгрон чысыл бæстæйы цæрæг, никуы бафидаудзыстæм уыййимæ, цæмæй Уæрæсейы хуызæн егъау паддзахадæн уа бар, кантрол кæна сыхаг бæстæтæ æмæ сæвзæрын кæна æндæвдады сферæтæ. Уый тыххæй мах хъуамæ рацагурæм исты рацæуæн æмæ равдисæм, цæмæй хъæддых æмæ тыхджын кæй стæм уый, фæлæ иурæстæгонæй архайæм деескалацимæ баххæссын æмæ конфротацийæ хибахизын, афтæдæр Уæрæсейимæ диалог райдайын, цæмæй ма æруадзæм ног «уазал хæстæ» æмæ «хæстифтонгады ерыс»» – загъта Йенс Столтенберг.