Йенс Столтенберг - Сау Денджызы регионы НАТО-йæ ис дыууæ хæстæг æмæ тынг аргъджын партнер, Украина æмæ Гуырдзыстон
Цæгат-атлантикон альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг хъусын кæны, цæмæй Сау Денджыз НАТО-йæ стратегион нысаниуæгджын у. Уый фæдыл Столтенберг Украинайы премьер-министр Денис Шмыгалимæ иумæйаг пресс-конференцийы райхъусын кодта.
«Хъуамæ бамбарæм, цæмйæ Сау Денджыз НАТО æмæ НАТО-йы æмцæдисонтæн, афтæма нæ денджызгæрон уæнгтæн, Туркæн, Болгарийæн, Румынийæн стартегион нысаниуæг хæссы æмæ ацы регионы нын ис дыууæ хæстæг æмæ тыхджын аргъджын партнер, Украина æмæ Гуырдзыстон. Ацы рæстæджы уынæм Сау Денджызы Уæрæсейы куыд нысаниуæгджын фæтынг, кæцы равзæрдис Хъырымы æнæзакъонон анексийæ æмæ ма афтæдæр цæугæ азы Уæрæсейы денджызон тыхты нымæцы фæфылдæрæй», – загъта Йенс Столтенберг.
НАТО-ы генералон нымæрдары дзырдæй, альянс афтæдæр фæтынг кодта йæ минæварад Сау Денджызы регионы æмæ фæстаг цалдæр боны Сау Денджызы æртæ америкаг æфсæддон нау æрлæууыд. Уыимæ иумæ НАТО тынг кæны Гуырдзыстон æмæ Украинайæн æххуыс, уый нымæцы сæ денджызон тыхтæн æххуысы фæрцы.
«Бæлвырдæй хъуамæ базонæм, цæмæй Сау Денджызы ма уа æрмæст иу бæстæйы, сæрмагондæй та Уæрæсейы доминир кæнын», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.