Йенс Столтенберг – Путин Украинайы  хæсты куы фæуæлахиз уа, уæд  гæнæн ис фидæны йæ нысæнттæй  бауой  Уæрæсейы  сыхаг бæстæтæ
Йенс Столтенберг – Путин Украинайы хæсты куы фæуæлахиз уа, уæд гæнæн ис фидæны йæ нысæнттæй бауой Уæрæсейы сыхаг бæстæтæ

Путин  Украинайы  хæсты  куы  фæуæлахиз уа, уæд дарддæры нысæнттæ уыдзысты  Уæрæсйеы  сыхаг  бæстæтæ, –  уый фæдыл  НАТО-йы генералон   нымæрдар Йенс Столтенберг  сакъадах Утояйыл, фæсивæдон   лагеры  уæнгтимæ  фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм  гæсгæ,  зæгъгæ НАТО-ы  моралон бæрн у  Украинайæн баххуыс кæнын.

«Моралон  бæрн ныл ис,  цæмæй  Укркаинайæн  баххуыс кæнæм.  Украина у хæдбар   паддзахад, кæцыйы  цæры  40  милуан  адæймаг, кæцытæ æнæраст агрессийы æмæ  хæсты  нысанæй  фестадысты.  Уынæм хæсты акттæ, бырстытæ  æмбæстагон  уæнгтæи æмæ  пырх,  кæцы  дыккаг дунейон  хæсты  фæстæ  никуы  феттам. Æвæлмаст  нæ  уыдзыстæм.  Уый афтæдæр нæ  интерестæм цæуы, цæмæй  президент Путин æнтыстмæ ма рцæуа  сæрмагонд  амбициты Украинайы тыххæй.  Дуне,  кæцыйы  Путин  цы фæнды ууыл  фæхæст уыдзæн  æфсæддон тыхæй,  бирæ  тæссагдæр у махæн.   Ахæм Уæрæсе ацы хæсты куы  фæуæлахиз уа, уæд Путин райсдзæн бæлвырдгæнæн ома тиыхмидзинад  пайдаджын у.  Уæд сыхаг бæстæтæ дæр   гæнæн ис  йæ  ног нысæнттæй  бауой», –   райхъусын кодта Столтенберг.

Йенс Столтенбергы дзырдæй,   НАТО-ы  ноджы иу  нысан у, цæмæй  Украинайы  хæст мауал ауæрæхдæр уа.

«НАТо-йы  дыккаг нысан у    хæсты  ауæрæх маруадзын.  Уый архайæм дыууæ фæндагæй.  Фыццаджы,  не стæм  ацы хæсты баст –   не æфсад  нæ арвыстам Украинамæ.  Афтæма  бæлвырд æвдисæм, цæмæй  НАТО-ы  падзахадтæи  бырстæн  уыдзæн    дзуапп æнæхъæн альянсæй.  Растдæр ацы нысанæй фылдæр кæнæм  æфсæддон минæварад   хурыскæсæн флангыл», –  райхъусын кодта НАТО-ы  генералон нымæрдар.