Йенс Столтенберг – НАТО глобалондæр хъуамæ суа  æмæ  партнертимæ, сæ нымæцы Украина æмæ Гуырдзыстонимæ æмгуыстад уый скæнæг хай  уыдзæн
Йенс Столтенберг – НАТО глобалондæр хъуамæ суа æмæ партнертимæ, сæ нымæцы Украина æмæ Гуырдзыстонимæ æмгуыстад уый скæнæг хай уыдзæн

НАТО глобалондæр хъуамæ  суа  æмæ  партнертимæ, сæ нымæцы, Гуырдзыстонимæ  æмгуыстад, уый  хай  уыдзæн, – ацы  фидиуæн  НАТО-йы  генералон   нымæрдар, Йенс Столтенберг, альянсы уæнг бæстæты фæсарæн  хъуыддæгты министртимæ дискусийы  фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл сарызта, кæцыйыл НАТО-ы   рапарахаты  стратегийыл уынаффæ кодтой.

«Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы» фарстыл, цæмæй  цы  бынат  ахсы  ацы  стратегийы   Сау Денджызы регион  æмæ Гуырдзыстон, НАТО-йы  генералон нымæрдар  дзуапп ратта, цæмæй   2030 азмæ НАТО хъуамæ суа  фылдæр  глобалон  æмæ ацы стратегийы  хай  хъуамæ  уа  партнертимæ, уый нымæцы,  Гуырдзыстонимæ æмгуыстад.

Столтенберг  ма  афтæдæр фæныхас кодта  Сау Денджызы  регионы инфраструктурæйы  Китайы  нысаниуæгджын инвестициты тыххæй æмæ  бахахх кодта,  цæмæй  адаптацигонд  альянсы иуæй-иу  нысаниуæгджын  функци  афтæдæр уыдзæнис критикон  инфраструктурæ хъахъхъæд  æмæ  НАТО-йы  хъæддыхдзинад сфидар кæнын.

«НАТО 2030 азты стратегийы  иуæй-иу нысаниуæгджын хай у, уый,  цæмæй НАТО  фылдæр глобалон быцæусидты  раз  лæууы.  НАТО-ы 2030 иуæй-иу  сæйраг рард у  уый,  цæмæй  НАТО фылдæр   глобалон альянсæй  суа æмæ  нын глобалон  ахаст уа.  Бæрæг у,  хъуамæ баззайæм Цæгат-атлантикон альянсæй,  фæлæ нын  æнæнæмæнгхъæугæ у глобалон ахаст, уымæн æмæ бирæ  быцæусидт ис,  кæцыты раз лæууæм,  сты глобалон. Иуæй-иу ахæм быцæусидт у  Китайы  стынг.  Уынæм,  цæмæй   нæм Китай  фæхæццæ кæны. Уый нысаниуæгджын инвестицитæ æвæры  НАТО-ы  бæстæты, афтæма Европæйы  æмæ  Сау Денджызы регионы.  Сау денджызы регионмæ хауынц  НАТО-йы   æртæ бæстæ  æмæ дыууæ партнер – Гуырдзыстон æмæ  Украина.  НАТО æмбары  хъæддыхдзинады  нысаниуæг, æмбары нæ критикон инфраструктурæйы  хъахъхъæды  нысаниуæг.  Тынг кæнæм  хъæддыхдзинад сфидар кæнынæн  æнæмæнгхъæугæ  фæрæзтæ, уый нымæцы  телекоммуникацион  хызæгтæ, æнæнизхъахъхъæды æмæ   нæ  æхсæнадæн критиконæй  нысаниуæгджын   сферæты  хъахъхъæдад. НАТО дарддæр кæны  адаптаци æмæ  инфраструктурæйы хъахъхъæд уыдзæн ацы  ивддзинады нысаниуæгджын хай.  Бæрæг у, нырма раджы у  уый  зæгъын, фæлæ  хъæддыхдзинад æмæ  партнертимæ – Гуырдзыстон æмæ Украинаимæ  куысты  нысаниуæг,  уыдзæн   ме нхъарæны  скæнæг хай, кæцыйы НАТО-йы  уæнг паддзахадты  лидертæн бавдисдзынæн», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.