Йенс Столтенберг Гахариамæ фембæлдыл – Гуырдзыстон нын иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг партнер у
Йенс Столтенберг Гахариамæ фембæлдыл – Гуырдзыстон нын иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг партнер у

Тынг бæрзонд аргъ кæнын  уыцы  æнгом æмæ фидар æмгуыстадæн,  кæцы Гуырдзыстон æмæ НАТО-ы иу кæны, Гуырдзыстон нын иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг партнер у –  уый фæдыл  НАТО-ы  генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, Брюсселы,  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ фембæлды фæстæ, иумæйаг пресс-конференцийыл  загъта.

НАТО-йы генералон нымæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй, Гуырдзыстон хъуамæ  хъал  уа уыцы  хайбавæрды тыххæй,   кæцы  йын  НАТО-ы æдасдзинады æмæ НАТО-ы мисситы  æнтыстытæм бахæссы.

«Æдасдзинады сферæйы æмæ бирæ  æндæр  æрдæмадæй  тынг æнгом æмкуыст кæнæм, уый нымæцы, ахуырты, Афгъанистаны  миссийы.  Алкæмæн нæ бон у  сæрыстыр уæм иумæ  æмæ сымахæн дæр  у уæ бон, хъал уат  уыцы  хайбавæрдæй, кæцы уын ис  НАТО-ы æдасдзинады æмæ НАТО-ы  мисситы æнтысты», – райхъусын  кодта  Йенс Столтенберг.

Информацийы хуъсын кæны  Гуырдзыстоны  хицауады  администраци.