Йенс Столтенберг – Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ абон æвзарынц Уæрæсейы æрдгæй æлхъывд, НАТО-ы æмцæдисонтæ цæттæ сты баххуыс сын кæной
Сæрмагондæй райгонд стæм нæ партнертæй, Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæ, абон ацы партнертæ æвзарынц Уæрæсейы æрдгæй æлхъывд æмæ НАТО-ы æмцæдисонтæ цæттæ сты уыдонæн баххуыс кæной, – уый фæдыл НАТО-йы фæсарæн хъуыддæгты министрты рабадтыл, альянсы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, абоны фембæлд равдисдзæн фидар æмæ рæзгæ æмгуыстад НАТО-ы æмæ партнер бæстæты æхсæн ацы быцæусидтытæй æфсæст рæстæджы.
«Сæрмагондæй арфæгæнæг дæн нæ партнертæн, Борсни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн. Æхсызгон у ам кæй стут алчи уый. Сæ фембæлд равдисдзæн фидар æмæ рæзгæ æмгуыстад НАТО-ы æмæ партнер бæстæты æхсæн ацы быцæусидтытæй æфсæст рæстæджы. НАТО æмæ НАТО-йы æмцæдисонтæ сифтонг кæндзысты æртæдæр бæстæйы фарсхæцын азты дæргъы, уый нымæцы фадæттæ райрæзын кæныны, реформæты æмæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады институтты сифтонг кæнынæн ахуырты. Абон ацы партнертæ æвзарынц Уæрæсейы æрдгæй æлхъывд æмæ НАТО-ы æмцæдисонтæ цæттæ сты баххуыс сын кæной. Ацы фембæлд у фадат, фæныхас кæнæм нæ иумæйаг æдасдзинады проблемæтыл, сæрмагондæй та стратегионæй нысаниуæгджын Сау Денджызы регионы æмæ Ныгуылæн Балканты», – райхъусын кодта Столтенберг.