Йенс Столтенберг – Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ  Молдовæ абон æвзарынц  Уæрæсейы æрдгæй æлхъывд, НАТО-ы æмцæдисонтæ  цæттæ сты баххуыс сын кæной
Йенс Столтенберг – Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ абон æвзарынц Уæрæсейы æрдгæй æлхъывд, НАТО-ы æмцæдисонтæ цæттæ сты баххуыс сын кæной

Сæрмагондæй райгонд стæм нæ  партнертæй, Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæ, абон ацы партнертæ  æвзарынц  Уæрæсейы æрдгæй æлхъывд  æмæ НАТО-ы æмцæдисонтæ   цæттæ сты уыдонæн баххуыс кæной, –  уый фæдыл НАТО-йы  фæсарæн хъуыддæгты министрты рабадтыл, альянсы  генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй,  абоны фембæлд равдисдзæн  фидар æмæ  рæзгæ   æмгуыстад НАТО-ы æмæ партнер бæстæты æхсæн ацы быцæусидтытæй  æфсæст рæстæджы.

«Сæрмагондæй арфæгæнæг дæн  нæ  партнертæн, Борсни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн.  Æхсызгон у  ам кæй стут алчи уый.  Сæ фембæлд равдисдзæн  фидар æмæ  рæзгæ   æмгуыстад НАТО-ы æмæ партнер бæстæты æхсæн ацы быцæусидтытæй  æфсæст рæстæджы. НАТО æмæ НАТО-йы æмцæдисонтæ  сифтонг кæндзысты æртæдæр бæстæйы  фарсхæцын  азты дæргъы, уый нымæцы   фадæттæ райрæзын кæныны, реформæты æмæ  хъахъхъæнынады  æмæ æдасдзинады институтты  сифтонг кæнынæн ахуырты. Абон ацы  партнертæ  æвзарынц  Уæрæсейы æрдгæй  æлхъывд  æмæ  НАТО-ы  æмцæдисонтæ цæттæ  сты  баххуыс сын  кæной.  Ацы фембæлд у  фадат, фæныхас кæнæм  нæ иумæйаг  æдасдзинады  проблемæтыл, сæрмагондæй та  стратегионæй  нысаниуæгджын  Сау Денджызы регионы æмæ  Ныгуылæн Балканты», –  райхъусын кодта Столтенберг.