Эммануэль Макърон - НАТО-йы магъз фæцæймæлы, Европæйæн та сæрмагонд æфсæддон тыхтæ йæхи хъæуынц
НАТО-йы магъз удисæг у, Европæйæн та æнæмæнгхъæу у сæрмагонд æфсæддон тыхты саразын – уый фæдыл Францы президент Эммануэль Макрон, рауагъдад «Экономистимæ» интервьюйы загъта. Макъроны дзырдæй, АИШ-æ Европæйæ йæхи дард исы æмæ асджын континент ныр дæлджинæг гæрон лæууы.
«Кæд Европæ нæ райхъал уыдзæн, уæд нæ амонд скантрол кæнын хъом нал уыдзыстæм. Евроцæдис йæхи æрмæст базарыл нымайы, фæлæ йын æнæмæнгхъæугæ у бацархайын, куыд политикъон блокъ, политикæйæ æмæ технологитæй, бæрæггæнæнты базæйæ æмæ климатон ивдтытæй. Америкæйæн фыццаг ис президент, кæцы нæ Европæйаг идеяимæ разы нæу. Кæд æмæ Трампы дыккаг æмгъуыдмæ нæ сывзардзысты уыцы цауы дæр, историон тыхтæ сæ раздæрон æмцæдисонтæй фæхицæн уыдзысты» – банысан кодта Эммануэль Макърон.