Элизабет Руд - сидæм Уæрæсемæ, сног кæна тахтытæ Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ  ам, æппæт дунейæ туристтыл цинæй исынц æмæ уыдон  æдасæй сты
Элизабет Руд - сидæм Уæрæсемæ, сног кæна тахтытæ Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ ам, æппæт дунейæ туристтыл цинæй исынц æмæ уыдон æдасæй сты

АИШ-æ  мæстæйдзагæй  йæ хъус дартта  уыцы   æнæпропорцион  мадзæлттæм,  кæцытыл Уæрæсейы  хицауад  æмæ Думайы  уæнгтæ   тæрхон кодтой  Гуырдзыстоны  фæстаг  рæстæджы  айтынггонд  фæзындты дзуаппæн-  уый фæдыл журналисттæн   Гуырдзыстон АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæг, Элизабет Руд  загъта.

Фæлæ  йæ ныхæстæм гæсгæ,   ныр  куыд Уæрæсейы  афтæ Гуырдзыстоны  лидертæ  равдыстой   дыууæфарсон   ахастыты  стабилон скæныны фæндон.

« Мах сидæм Уæрæсемæ, сног кæна  тахтытæ  Гуырдзыстонæй  æмæ Гуырдзыстонмæ,  уымæн æмæ  ам, æппæт дунейæ  туристтыл  цинæй исынц  æмæ уыдон  æдасæй сты.

Мах хъæддыхæй йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны  текрриторион æнæхъæндзинадæн æмæ зонæм, цæмæй  Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз,  Гуырдзыстоны æнæрскъуынгæ  хæйттæ  сты æхсæнадæмонæй нымад арæнты» –  райхъусын кодта  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг.