Элизабет Руд - мадзæлттæ, кæцытæ фæстаг периоды Уæрæсе Гуырдзыстоны æрдæм сæххæст кодта, æнæрæстаг, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион уыдысты
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Элизабет Руд хъусын кæны, цæмæй мадзæлттæ, кæцытæ фæстаг периоды Уæрæсе Гуырдызстоны æрдæм сæххæст кодта, æнæрæстаг, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион уыд.
Афтæма, минæвары хæстæ æххæстгæнæг йæ хъусдард сцырын кодта, администрацион арæйнон хаххы цур æхгæд ауадзæн пунктытыл æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ уый серьозон проблемæ у.
«Мадзæлттæ кæцытæ ацы фæстаг периоды сæххæст кодта Уæрæсе, ай уыд тахтыты фæмацы кæнын Гуырдзыстонимæ, афтæдæр сидт, цæмæй Гуырдзыстонмæ туристтæ ма абалц кодтаиккой, йæ сæрмагонд æмбæстæгтæ, ай уыд æнæраст, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион. Фæлæ мæ фæнды сæрмагонд хъусдард сцырын кæнын администрацион арæйнон хаххы цур æхгæд пунктытыл. Ай у серьозон проблемæ æмæ сидт, уымæн æмæ вазыгджындæр кæны гуманитарон уавæр дыууæдæр æрдгæй цæрджытæн, арæн сын кæны бынативды фадат æмæ æвзæрын кæны серьозон проблемæ» – загхта Элизабет Руд Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ацы фарста кастæуыд Женевæйы бадзырдты форматы.
«Сидын Абхазы де-факто хицауадмæ, аива архаййæг арæнæвæрдтæ æмæ Уæрæсемæ та, бакоммæ кæса 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдмæ, кæцымæ гæсгæ дæр, гуманитарон æххуыс рæувадат хъуамæ уа» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы, АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг.