Культурæйы комитеты сæрдар Элисо Болквадзе Страсбургы Европæйы Советы генералон нымæрдар Мария Пейчинович Буричимæ фембæлдис.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы прессы культурæйы дипломатийы ролыл фæныхас кодтой.
«Абон тынг цымидисон ныхас мын уыд цытджын Мария Буричимæ. Фæныхас кодтам Гуырдзыстоны евроинтеграцийы процесстыл, цы рол йæм ис Гуырдзыстоны культурæйæн махæн ацы ахсджиаг фæндагыл æмæ бахахх кодтам сæ фарсхæцыны нысаниуæг. Афтæма фæныхас кодтам, культурæйы куыд сабырады амайыны иуæй-иу уникалон фæндагыл æмæ фæуынафæ кодтам æндæр æмæ æндæр программæйы райтынг -сплан кæныны фæдыл ацы æрдгæй», – райхъусын кодта Элисо Болкваде.
Визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны парламенты культурæйы комитеты сæрдар Европæйы Советы демократийы æмæ адæймаджы джелбетты генералон директораты (DGII) генералон директор Мария Роутаненимæ æмæ демократийы директораты директоримæ Матиас Грундеимæ фембæлдзæн. Фембæлдыл ныхас баххæсдзæн аивадон ахуырады хæрзгъæдæй лæвæрды нысаниуæгмæ демократийы райтынгы процессы.
Боны кæрон та плангонд у Страсбурги хуыцаубонон скъолайы сывæллæттимæ фембæлд, кæцы культурæйы комитеты, ахуырады, зонæдты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты комитеты æмæ диаспорæйы æмæ Кавказы фарстаты комитеты иумæйаг тематон иртасæны фæлгæтты цæуы уагъд.