Экономикæйы министрады информацийæ, агентад «Араз Гуырдзыстоны» микро æмæ лыстæг амалиуæгады грантон программæйæн ис 1338 уæлахиздзау
Экономикæ æмæ æнææцудгæ райрæзты министрады агентад «Араз Гуырдзыстоны» микро æмæ лыстæг амалиуæгдæрттæн къухаразæг грантон программæйы фæлгæтты рабæрæг ис 1338 уæлахиздзау.
Фæнысангонды фæдыл информаци, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрад хъусын кæны.
Уагдоны информацийæ, программæйыл фидиуæнты райст цæугæ азы марты райдыдта.
«Æмтгæй райсгæйæ финалон этапыл 3 700 аппликант рацыд, 1338 фæуæлахиз ис. Программæйæн йæ нысан у микро æмæ лыстæг бизнес райрæзын кæнын, нырыккон амалиуæгон куыльтурæ сфидар кæнын æмæ ног куыст бынæттæ сæвзæрын кæныны программæйы гранты бæрц ацы аз у 30 000 лари, æрмæст евроцæдисы финансдзинадæй, Гуырдзыстоны хицауады райдайгæ пилотон регионты интегриргонд райрæзт программæйы фæлгæтты бæрæг регионты (Имерет, Рачъа-Лечхум, Дæллаг Сванет, Гуриа æмæ Кахеты) грантон суммæ 40 000 лари уыд.
Программæйы уæлахизгонд амалиуæгдæртты æмхайады суммæ гранты суммæйæ æнæкаддæр 20:-ы бæрц хъуамæ уа, бæрзондхохджын цæрæн рæтты та æнæкаддæр 10%-ы. Уæвæг бенефициары цау, бенефициары æмхайад гранты суммæйæ æнæкаддæр 50%-ы бæрц хъуамæ уа , бæрзондхохджын цæрæн рæтты та æнæкаддæр 25%. Программæйы уæлахиздзау бенефициар хæсджын у гранты суммæйы нысанæмрастдзинад афтæ сараза – капиталон хардзтæ æнæкъаддæр 90%, зилдухы фæрæзтæ æма хъуамæ уа 10%-æй фылдæр. Программæйы фæлгæтты 300-йæ фылдæр экономикон куыст сфинанс уыдзæн. 2015 азæй 2021 аз хынцгæйæ микро æмæ лыстæг амалиуæгдæрттæн къухаразæг грантон прогрмаммæйы фæлгæтты 6 901 проект сфинанс ис, инвестициты нымæц та 78 милуан ларийæ фылдæр уыд», – дзырдæуы информацийы.