Экономикæйы министрады информацийæ, агентад «Араз Гуырдзыстоны» микро æмæ лыстæг амалиуæгады грантон программæйæн ис  1338 уæлахиздзау
Экономикæйы министрады информацийæ, агентад «Араз Гуырдзыстоны» микро æмæ лыстæг амалиуæгады грантон программæйæн ис 1338 уæлахиздзау

Экономикæ æмæ æнææцудгæ райрæзты  министрады агентад  «Араз Гуырдзыстоны»  микро æмæ  лыстæг  амалиуæгдæрттæн  къухаразæг   грантон программæйы фæлгæтты  рабæрæг ис  1338 уæлахиздзау.

Фæнысангонды  фæдыл  информаци, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты  министрад хъусын кæны.

Уагдоны информацийæ, программæйыл  фидиуæнты  райст  цæугæ  азы марты райдыдта.

«Æмтгæй  райсгæйæ финалон  этапыл  3 700 аппликант рацыд, 1338 фæуæлахиз ис. Программæйæн йæ нысан у  микро  æмæ лыстæг бизнес райрæзын кæнын, нырыккон   амалиуæгон  куыльтурæ  сфидар кæнын æмæ  ног куыст бынæттæ сæвзæрын кæныны программæйы  гранты бæрц  ацы аз у  30 000 лари,  æрмæст евроцæдисы финансдзинадæй, Гуырдзыстоны  хицауады  райдайгæ  пилотон   регионты интегриргонд   райрæзт программæйы фæлгæтты   бæрæг регионты (Имерет, Рачъа-Лечхум, Дæллаг Сванет, Гуриа æмæ Кахеты) грантон  суммæ 40 000 лари уыд.

Программæйы уæлахизгонд  амалиуæгдæртты  æмхайады  суммæ  гранты суммæйæ æнæкаддæр  20:-ы бæрц хъуамæ  уа,  бæрзондхохджын цæрæн рæтты та  æнæкаддæр 10%-ы. Уæвæг бенефициары цау,  бенефициары  æмхайад гранты суммæйæ  æнæкаддæр 50%-ы бæрц хъуамæ уа ,  бæрзондхохджын  цæрæн рæтты та  æнæкаддæр 25%.  Программæйы уæлахиздзау  бенефициар хæсджын   у гранты суммæйы нысанæмрастдзинад  афтæ  сараза –  капиталон    хардзтæ  æнæкъаддæр 90%, зилдухы фæрæзтæ  æма хъуамæ уа  10%-æй  фылдæр.  Программæйы фæлгæтты 300-йæ фылдæр экономикон    куыст   сфинанс уыдзæн. 2015 азæй  2021 аз хынцгæйæ  микро æмæ  лыстæг амалиуæгдæрттæн къухаразæг   грантон прогрмаммæйы фæлгæтты  6 901  проект сфинанс ис, инвестициты  нымæц та  78  милуан  ларийæ  фылдæр уыд», –   дзырдæуы  информацийы.