Экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрад Панкисы Комы чысыл ГЭС-ты арæзтадмæ гæсгæ фидиуæн хæлиу кæны.
Фидиуæны мидæг куыд у банысангонд афтæмæй, экономикæйы министрад ГЭС-ты арæзтады процессы баст персоналы æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæй мидхъуыддæгты министрадмæ йæхæдæг басидтис.
Министрады уыцы пайдайыл ныхас кæнынц, кæцыйыл Панкисы цæрджытæ чысыл гэс-ты проекты сæххæстæй фæхæст уыдзысты.
Фидиуæн уын æнæивгæйæ æнхъарæм:
«Фæнды нæ ракой кæнын Панкисы Комы чысыл ГЭС-ты арæзтадимæ баст процессты тыххæй æмæ фæнысангонд фарстайыл æххæст æмбарынгæнæн саразын.
2017 азы Гуырдзыстоны хицауад чысыл ГЭС-ты – «Хадори-3»-ы æмæ «Самхъурацъхъали2»-ы инвестор компанийæн, ÆÆ «АЛазаниЭнерджийæн» æрмæстдæр уый фæстæ бафыста меморандум æмæ йæм ратта арæзтады бар, алы паддзахадон уагдон, сæрмагонд компетенцийы фæлгæтты проектæн æвæрццаг аргъ куы скодтой.
Афтæдæр сæххæст ис закъонæй бæлвырд алы процедурæ, кæцы ахæм проекты фæдыл бынæттон цæрджыты информирдзинад дары йæ хъуыдыйы. Фæнысанкæнинаг у, цæмæй «АЛазани Энерджийы» бындурæвæрæг у гуырдзиаг компани ÆÆ «Пери», кæцы Гуырдзыстоны базарыл æнтыстджын куыст кæны, сæххæст кодта бирæ энергетикон проект Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионы. Сæ нымæцы гидроэлектростанцæ Панкисы Комы.
КОмпанийы бардарджытæ хорз æмбьарынц Комы хæдуæвындзинад. Афтæма компани Комы иуæй-иу ставд куыстдæттæг у. Уымæ гæсгæ дæр, «Алазани Энерджийы» къухдариуæгад проекты радианæй систа акцент бынæттон цæрджытимæ диалогыл æмæ 2017 азæй абоны онг, æндæр æмæ æндæр форматы бирæ фембæлд сарызта проекты æрдæм цæрджыты ахаст позитивон скæныны нысанæй. Компанийы æрдгæй, фæнысангонд коммуникацийы фæлгæтты æрцыд «Самхъурацъхъали 2»-ы ГЭС-ы проекты оптимизаци æмæцæрджыты домæнты бындурыл, æнзагъд ракодта донмарæны арæзтадыл. Уый фæстиуæгæн куыд «Хадори3», афтæдæр «Самхъурацъхъали 2», æрдзæн максималонæй æнæзиан гидроэлектротсанцæйæ скодтой. 2019 азы 19 апрелы инвестор компани ÆÆ «Алазани Энерджи», кæцы план кодта ГЭС-ы арæзтад райдайын, фыстæй баздæхт экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрадмæ æмæ дзы ракуырдта æххуыс, цæмæй министрад арæзтадон куыстыты сабыр æмæ æдас уавæрты ауыдзын срæвдз кодта.
Уымæн цæмæй, хъыгагæн, уыдис ахæм прецедент сæ нымæцы, Гуырдзыстоны æндрæ регионы цæугæ проектты, экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрад, фæдылдзог реагирдзинады тыххæй басидтис мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй срæвдз уыдаит, арæзтады процессы баст персоналы æдасдзинад.
Чысыл ГЭС-ты проекты сæххæстæй Панкисы Комы цæрджытæ ахæм пайдайыл фæхæст уыдзысты: арæзтады æнæхъæн периоды дæргъы, æндæр специалисттимæ иумæ, бынатыл бакусдзæн æнæкъаддæр 100 бынæттон цæрæг, æрмæст гидроэлектростанцæйы эксплуатацимæ расты фæстæ, 50 иудадзыг куыстбынат сырæздзæн. Компани афтæдæр срæвдз кæндзæн фæсивæды бацæттæйы къурсытæм бафтауын, кæцы сын фидæны æндæр ГЭС-тыл куыст ссарыны фадат ратдзæн. Уымæй уæлдай ма, инвестор компани йæхимæ исы хæс, цæмæй Комы æмæ ГЭС-мæ хæстæг лæууæг цæрæн пунктыты пайдайæн, социалон проектытæ сæххæст кæндзæн. Ацы рæстæджы, инвестици нывæрдзæн электроаждæттæн телты, кæцы цуæрджытæм электроэнергийы бдæттыны гъæд фæхуыздæр кæндзæн.
Алцыппæт æвæрццаг бандавдзæн Комы хъæуты микро æмæ лыстæг бизнесы, сæ нымæцы, туристон объектты рæстмæ куыстыл. Инвестор афтæдæр йæхимæ исы хæс, сараза бынæттон рæзты фонд, кæцыйы хыгъдмæ æрвылазонæй бахæсдзæн 120,000 ларийы. Проектты, кæцытæ фæнысангонд фондæй сфинанс уыдзысты, равзардзысты бынæттон цæрджыты æууæнкджын гоймæгтæ. Афтæдæр, иттæг нысаниуæгджын у уый, цæмæй фæнысангонд проект рæзын кæны а.х. «Цъæх энергетикæ» кæцы æрдзыл минималонæй ахады.
ФÆстаг азты Гуырдзыстоны ист закъондæттынадмæ гæсгæйæ, кæцы сеппæтæй хуыздæр практикæйыл æнцойæвæрд у, кæцыфæнды энергетикон объекты саразынæн, инвестор барлæвæрд райсы, æрмæстдæр тынг карз æрдзхъахъънынадон экспертизæйы фæстиуæгæн. Экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрад, райы диалогы фæндагæй, Панкисы Комы бынæттон цæрджытимæ консессумæ æрцæуын кæй бантыст уыцы фактимæ» – банысангонд у фидиуæны.