Экономикæйы  министр  райгонд уыдзæн,  Анаклиайы  проектмæ, америкаг кæнæ европаг  инвесторы баиу кæныны цауы
Экономикæйы министр райгонд уыдзæн, Анаклиайы проектмæ, америкаг кæнæ европаг инвесторы баиу кæныны цауы

«Анаклиайы  Рæзынады Консорциумы»   суверенон  бар у,  арбитражмæ басидын,  уый фæдыл  экономикæйы  æмæ  æнæфæцудгæ  рæзынады  министр,  Натиа Турнава   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  Анаклиайы Рæзынады Консорциум, азты дæргъы   нæ  сыххæст кодта  йæ  хæслæвæрд  æмæ  хицауадæн, бадзырд аивынæй сдарддæр  æндæр  фадат  нал  баззад. Консорциумимæ бадзырд  сног кæнын та  пълангонд нæу.

Министр дзуры, цæмæй   Анаклиайы  æрфдойнаг порты  проект  фæстæмæ приоритетæй баззайдзæн  æмæ  хицауад  райгонд уыдзæн кæд æмæ  проектмæ  америкаг кæнæ  европаг  инвестортæ баиу уыдзысты.

«Мах фæныхас кодтам  Европæйы  Реконструкцийы  æмæ Рæзынады  Банкъимæ, фæлæ  нырма  скуыддзаг хаст нæу.  Афтæдæр  нæ  ацух  кæндзыстæм уый цæмæй,  гæнæн ис  æрныхас кæнæм   æндæр финансон   институттимæ, дæнцæн Дунейы  Банкъимæ, Æхсæнадæмон Финансон  Корпорациимæ,  уыцы  финансон   институттимæ,  кæцытæм ис  практикæ, баххуыс кæной  бæстæйæн  тендер  бацæттæ кæнын æмæ  инвесторы бацагуырды», – райхъусын кодта Натиа Турнава.