Эка Беселиайы информацийæ, Саломе Зурабишвили, Францы æмбæстагдзинад ныууадзын æркуырдта
Эка Беселиайы   информацийæ, Саломе Зурабишвили, Францы   æмбæстагдзинад ныууадзын  æркуырдта

Парламенты  юридикъон фарстаты  комитеты   сæрдары  Эка Беселиайы   информацийæ,  парламенты  уæнг  Саломе Зурабишвили, Францы   æмбæстагдзинад ныууадзын  ныридæгæн æркуырдта.  Уый фæдыл  Эка Беселиа  журналисттимæ  ныхасы рæстæджы райхъусн кодта.

«Бæлвырдæй  зæгъын мæ бон  нæу,  фæлæ мæ информацийæ Саломе Зурабишвили   нырид æркуырдта  Францы æмбæстагдзинад ныууадзын.

Æвзарæнон кодексы  нын  ис ахæм аууæл,  цææмй  президенттæм кандидат  нæй гæнæн  уа  æндæр бæстæйы  æмбæстаг.  Æвзарæнон  регистрацийы  процессы,   канидадтæй   регистраци куы ацæудзæн уæд.  Ацы рæстæгмæ,   ууымæ хъуамæ  уа   куырдиат  уыцы бæстæйы æмбæстагдзинад ныууадзыны  фæдыл,   кæцыйы æмбæстаг дæр у.  Фæнысангонд   уагæвæрд райстам æмæ  йæ æвзарæнон кодексы ныффыстам» – райхъусын кодта  Эка Беселиа.

Ацы рæстæгмæ  хæлиу кæны информаци  цæмæй Саломе Зурабишвили, президентон æвзæртстыты   хайад райсын  хъавы.  Цух  нæу уый  дæр æмæ  «Гуырдзиаг Бæллицц»  йæ  кандидатурæйæн рахæца йæ фарс.

Саломе Зурабишвилимæ Гуырдзыстоны æмæ Францы  дывæрон  æмбæстагдзинад  ис.  Ахæм гоймæгтæн та, Гуырдзыстоны президенттæм æвзæрстыты хайад райсыны  бар нæй.