Эдгарс Ринкевичс дохтыр Важа Гаприндашвилийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнын домы
Латви Гуырдзиаг дохтыры æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнын домы, – уый фæдыл Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр «Твиттерæй» ахæлиугонд куырдиаты банысан кодта.
«Домын гуырдзиаг дохтыр Важа Гаприндашвилийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнын, кæцыйæн оккупацигонд Хуссар Ирыстоны дефакто хицауад «арæнсæттыны тыххæй» ахстæй æфхæрд стæрхон кодта. Латвий ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын æмæ ацы тæрхоныскуыд æнæзакъононыл нымайы», – хъусын кæны Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичс.
Цхинвалы оккупацион режим Важа Гаприндашвилийæн абон иу афæдз æмæ фараст мæййæ ахст стæрхон кодта.