Jan De Nul NV-йы Гуырдзыстоны филиалы директор – Анаклийы наулæууæн у иттæг нысаниуæгджын проект æрмæст нæ компанийæн нæ фæлæ ма Гуырдзыстонæн дæр
Анаклийы арфдоны наулæууæны наулæууæны моделы лабораторон фæлварæны процесс уагъд æрцыд Jan De Nul NV консорциумы минæвæртты хайадистæй, кæцы наулæууæны денджызон инфраструктурæйы куыстытæ æххæст кæны, – уый фæдыл информацийы хъусын кæны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад.
Уагдоны информацийæ, Данийы сæйраг сахар Копенгагены арæзт мадзалы Jan De Nul NV-йы Гуырдзыстоны филиалы директор Тим Деволдер иста хайад. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уый ноджы иу нысаниуæгджын этап у «Анаклиайы» проекты рæзты, кæцыйæн къухдариуæг кæны фæлтæрдджын æмæ бæрзонд репутацигонд компани DHI.
“Мах лæмбынæг æруынаффæ кæндзыстæм, фидæны цы саразынмæ хъавæм, æцæг модель дæнцæгæн райсгæйæ.” Компани DHI специализаци кæны реалон моделтæ аразыныл. Стыр нысаниуæг дæттæм хæрзхъæддзинадæн. Анаклийы наулæууæн иттæг нысаниуæгджын проект у æрмæст нæ компанийæн нæ фæлæ ма Гуырдзыстонæн йæхицæн дæр. Ацы хуызы проекттæ арæзт сты дæргъвæтин эксплуатацион цардæн æмæ алы лыстæг хабæрттæ дæр домынц лæмбынæг æркæсын. «Уый тыххæй проектмæ æндæр æмæ æндæр специалистты æрбангом кæнæм», – расидтис Jan De Nul NV-йы Гуырдзыстоны филиалы директор.