Израилы рагысгарæг куысты ранæуæггонд  аргълæвæрдæй, Иран цæттæ  у комокоммæ  ныббырса Израилмæ, бырст гæнæн ис  15 августмæ  плангонд  æхст фæурæды фæдыл бадзырдты размæ æрцæуа
Израилы рагысгарæг куысты ранæуæггонд аргълæвæрдæй, Иран цæттæ у комокоммæ ныббырса Израилмæ, бырст гæнæн ис 15 августмæ плангонд æхст фæурæды фæдыл бадзырдты размæ æрцæуа

Иран Израилмæ  егъаумасштабон   бырстмæ цæттæ кæны, –  уый фæдыл  Израилы  хъахъхъæнынады министр  Иоав Галант   америкаг  коллегæ Ллойд Остинимæ  ныасы рæстæджы   райхъусын кодта.

Рауагъда  «Аксиос»  фыссы, цæмæй  Израилы   рагысгарæг куысты  ранæуæггонд  аргълæвæрдæй  Иран цæттæ у   комкоммæ  ныббырса   Израилмæ  Тегераны  «Хамасы»  политикон лидер   Исмаил Ханьяйы   марындзинады  дзуаппæн æмæ   æнхъæлцау   уый  цалдæр бонмæ  сараздзæн.

Рагысгарæг куысты ног  аргълæвæрд  амоны, цæмæй  бырст  гæнæн ис  15 августы  плангонд æхсты фæурæды фæдыл  адзырдты размæ æрцæуа.

Израилы рагысгарæг дзыллæ  хъуыды кæны, цæмæй фыццаг   бырст, æнхъæлцау «Хезбола» сыххæст кæндзæн  Бейруты   йæ  бæрзонддæр æфсæддон   разамонæгы  марындзинады  дзуаппæн æмæ стæй  Иран дæр, гæнæн ис  баиу уа   сæрмагонд комкоммæ бырстæй.