Израилы хъахъхъæнынады тыхты информацийæ, «Хамас» цы уацайрæгты радæтта, уыдонæй 13  сты израилæгтæ  æмæ цыппар - таиландæгтæ
Израилы хъахъхъæнынады тыхты информацийæ, «Хамас» цы уацайрæгты радæтта, уыдонæй 13 сты израилæгтæ æмæ цыппар - таиландæгтæ

Израилы  хъахъхъæнынады  тыхты  информацийæ, «Хамас» цы  уацайрæгты рауагъдта, уыдоны  Сырх Дзуар  Египетмæ аласта æмæ  ныр Израилмæ æздæхынц.

«ВВС»куыд фыссы  афтæмæй,   ссæриббаргонд уацайрæгтæй  13 сты Израилаг, æрмæст   цыппар та – Таиланды æмбæстæгтæ.

Израилы хъахъхъæнынады тыхты информацийæ,  уацайрæгты бинонтæ  нырид  информиргнд  сты  се ссæрибары фæдыл.

Уæдмæ Израил уацайрæгты алæвæрды  аргъæвыны  фæзыныджын кодта «Хамасы»  æрмæст «Хамас» та  бадзырды домæнтæ халыны  фæаххосджын кодта Израилы.  Фæстæдæр  Катары  фæсарæн хъуыддæгты министрады спике р Меджад  Ал-Ансари   фехъусын кодта, ома  барьертыл фæтых сты  æмæ ахсæв цалдæр уацайрагы  ссæрибар уыдзысты.