Израилы хъахъхъæнынады министр - Сирий атомон реакторыл Израилы сæххæст бырст, зондамонæн у Иранæн дæр
Израилы  хъахъхъæнынады министр -  Сирий  атомон реакторыл Израилы сæххæст  бырст, зондамонæн у  Иранæн дæр

Сирийы  атомон   реактормæ,  Израилы  2007 азы  сæххæст  дзæхст у  æрвитæггаг Иранæн –  уый фæдыл  райхъусын кодта Израилы  рагысгарæг  министр  Исраэл Кац.

«Опреацийы фæрцы фæбæрæг ис, цæмæй  Израиль нæ бауадздзæн  атомон  хæцæнгарз уа уыдонмæ, чидæриддæр  бæстæйæн тæссаг сты. Йеуæд Сирий – абон та Иран» – ныффыста    Twitter-ы Исраэл Кац.

Израилы æрдгæй  Сирийы  сусæг  атомон  реакторы  скуынæгы, историон  æмæ  æндиуд  актæй схуыдта  Израилы  хъахъхæнынады министр.  Авигдор  Либерманы  дзырдæй,  операцийæ сбæлвырд ис,  цæмæй  националон   æдасдзинады  фарстыты  хиуыл хæцгæдзинады гæнæн нæй.

«Нæ ныхмæлæуджыты  мотиваци фæстаг азты мидæг   райрæзтис, фæлæ  афтæдæр райрæзт  Израилы  гарзджын тыхты   хъомыс.  Израилы æфсæддон уæлдæфон тыхты  æмæ   рагысгарынады фæрæзтæ  2007 азмæ абаргæйæ  ауæрæхдæр сты  æмæ Æввахс Скæсæны  бæстæтæ, уый  сæ зæрдыл хъуамæ бадарой» –  банысан кодта Израилы  хъахъæнынады министр.

Израилы  хъахъæнынад министрад, фыццаг хатт  басаст,  цæмæй 2007 азы  сахар  Деир эл-Зоры цур, Сирийы  сусæг  атомон  реактор скуынгæ кодта.  Израилы дзурынц, цæмæй  реактор уæд уыдис тынг  райтынгы  кроæйнаг этапыл  æмæ авиа бырсты  хайад истой  F-15 æмæ F-16 типы  æфсæддон  хæдтæхджытæ.