Израилы гæнæн ис террористтæн мæлæтæй æфхæрд сбæлвырд кæной
Израилы гæнæн ис террористтæн  мæлæтæй  æфхæрд  сбæлвырд кæной

Израилы  хицауад террористтæн мæлæтæй æфхæрды  æрбайсыны фарстыл  уынаффæ кæны.   Рауагъдад  «Haaretz» куыд фыссы афтæмæй,   фæткъдар коалицимæ бацæуæг   6 партийы  лидертæ  æмбæлон   закъонопроект  сраыз кодтой.

«Закон хъуамæ  уа  тынг   æнцон  æмæ  дырыс –  террорист кæцы  æнаххос адæймæгты  цæгъды,  æфхæрд хъуамæ æрцæуа  мæлæтæй»  – дзырдæуы Израилы  хъахъхъæнынады  министр  Авигдор  Либерманы   партийы  «Нæ  хæдзар  Израилы»  фидиуæны.

Уый тыххæй  цæмæй  законодæттæн  инициативæ   йæ  тыхмæ бацæуа,   парламент æй  хъуамæ  цыппар кастæй  сбæлвырд кæна.  Кæд æркæсдзысты   парламентартæ  закъонопроекты  уый  нырма бæрæг нæу.