Израилы хицауад террористтæн мæлæтæй æфхæрды æрбайсыны фарстыл уынаффæ кæны. Рауагъдад «Haaretz» куыд фыссы афтæмæй, фæткъдар коалицимæ бацæуæг 6 партийы лидертæ æмбæлон закъонопроект сраыз кодтой.
«Закон хъуамæ уа тынг æнцон æмæ дырыс – террорист кæцы æнаххос адæймæгты цæгъды, æфхæрд хъуамæ æрцæуа мæлæтæй» – дзырдæуы Израилы хъахъхъæнынады министр Авигдор Либерманы партийы «Нæ хæдзар Израилы» фидиуæны.
Уый тыххæй цæмæй законодæттæн инициативæ йæ тыхмæ бацæуа, парламент æй хъуамæ цыппар кастæй сбæлвырд кæна. Кæд æркæсдзысты парламентартæ закъонопроекты уый нырма бæрæг нæу.