Израилы фæсарæн хъуыддæгты министр - Израил нæ уыддзæн  Уæрæсейæн уыцы бæстæйæ, цы ран Мæскуыйæн  Америкæйы æмæ ныгуыæны  рбайсгæ санкцитæй  хи аиуварс кæныны фадат фæзындзæн
Израилы фæсарæн хъуыддæгты министр - Израил нæ уыддзæн Уæрæсейæн уыцы бæстæйæ, цы ран Мæскуыйæн Америкæйы æмæ ныгуыæны рбайсгæ санкцитæй хи аиуварс кæныны фадат фæзындзæн

Израил нæ уыддзæн  Уæрæсейæн уыцы бæстæйы, цы ран Мæскуы  Америкæйы æмæ ныгуыæны  рбайсгæ санкцитæй  хи аиуварс кæныны фадат фæзындзæн – агентад «Ройтеры» хъусинагæй,   уый фæдыл Израилы  фæсарæн хъуыддæгты министр, Йаир  Лапид, Словакимæ  официалон  визиты рæстæджы  загъта.

«Фæсарæн хъуыддæгты министрад ацы  фарстайы фæдыл  координацигонд куыст кæны  партнертитмæ, афтæма Израилы банкъимæ,  финансты  имнистрадимæ,  экономикæй министрадимæ  æмæ  аэропортты администрацитимæ» –  райхъусын кодта   фæсарæн хуъыддæгты министр.

Уый æддæмæ ма, Словакаг коллегæимæ  фембæлды рæстæджы Израилы  фæсарæн хъуыддæгты  министр, Уæрæсейы   Украинамæ  лæбурд  бафаудта.

«Израиль, Словакийы хуызæн,  фауы Украинамæ Уæрæсейы  лæбурд. Нæй гæнæн сраст кæнын Украинайы  территорион æнæхъæндзинад  халын  æмæ нæй гæнæн  сабыр цæрджытæм лæбурды сраст кæнын. Израиль  медиацийы  процессы  баххуыс кæнынæн  алцыппæт сараздзæнЭ, цæмæйбанцайын кæна  æхст æмæ сног уа сабырдзинад. Кусæм  не  ставддæр æмцæдисонимæ, АИШ-имæ æмæ Европаг   хæлæрттимæ иумæ, цæмæй  ацы  трагеди мауал адарддæр уа» –   райхъусын кодта Израилы  фæсарæн хъуыддæгты министр.