Израилы æмæ Гъазæйы секторы хæцджытæ, æхсты фæурæды тыххæй æрныхас кодтой
Израилы æмæ Гъазæйы секторы хæцджыты æхсæн дыууæбонон æфсæддон быцæудзинады фæстæ, Египеты æмæ ИНО-йы æхсæны бацыдæй, фæрстæ æхсты фæурæды фæдыл æрныхас кодтой. Бадзырдмæ æнæкæсгæйæ, 6 майы Хуссар Израилы скъолатæ æхгæд уыдзысты.
Конфликты фоныл, ИЗраилы фарсхæцæг фидиуæнтæ сарызта АИШ-ы президент Дональд Трамп æмæ палестинæгтæм æрсидтис ракетæтæ æхсын фæуромынмæ. Дональд Трампы дзырдæй, Израилы ныхмæ сæххæст террористон акттæ, палестинæгтæн æрмæстдæр æнамонддзинад æрхæсдзысты.
Ивгъуыд æхсæвы дæргъы, ракетæты фæдисы сигнал цалдæр хатт айхъуыст Израилоы сахар Ашкелоны.
4-5 майы Гъазæйы секторæй Израилы æрдæм 600 ракетæ фехстой. ДЗуаппæн, Израил Гъазæйы секторы 320 мысаныл æркалдта бомбæтæ. Уый фæстиуæгæн Израилы цыппар æмбæстаг фæхъуыд. Израилы дзуаппон бырсты фæстиуæгæн Гъазæйы секторы 23 адæймаг фæхъуыд.