Израилы «Ковид-19»-ы ахæлиуы превенцийы нысанæн уагæвæрд мадзæлттæ фæтсæмæ карздæр кæнынц. Бæстæйы премьер-министры, Виньямин Нетаниаху хъусын кæны, Израилы 10 октябрмæ æххæст карантин кæй сфидар кодтой, уый тыххæй.
«Нæ нысан у, инфекцийы ахæлиу маруадзын, комкоммæ нысаниуæгæй. Нæ нысан у, Израилы куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр адæймагы аирвæрзын кæнын», – райхъусын кодта Виньямин Нетаниаху.
Израилы ивгъуыд æхсæв-боны мидæг «Ковид-19»-ы рекордонæй бæрзонд бæрæггæнæнтæ сфиксир ис – æхсæз минæй фылдæр ног цау. Бæстæйы вирусы ахæлиуæй абоны онг, коронавирусæй инфицирады 200 минæй фылдæр цау рабæрæг кодтой.