Израилы хицауад Ираны хицауады фæзылынджын кодта Гъазйы секторы дестабилизацийы провоциркæныны. Израилы хъахъхъæнынады министрады бæлвырдмæ гæсгæйæ, Ираны хицауад, терриористон организаци «Хамасы» къухæй, Израилы æдасдзинад рискъы бын бакæнын архайы.
Израилы авиаци æГъазæйы секторы абон специалон картæтæ æркалдта, кæцыты миæдг фæнысангонд территорийыл цæрæг æмбæстæгтæн, уыдис рагфæдзæхст. Израилы хицауад æрсидтис Палестингтæм, ма фестæт террористон рганизаци «Хамасы» хотых æмæ ма райсой хайад радон протестон акциты кæцытæ 8-æм июнмæ сты плангонд.
Фæстаг дыууæ мæйы мидæг, Газæйы секторы æмæ Израилы арæныл протестон акциты рæстæджы, Израилаг æфсæддæтты æмæ демонстрантты æхсæн быцæудзинады амæттаг фсты 120-æй фылдæр палестинаг. Фæмардуæвджыты нымæцы уыд цалдæр æнахъом дæр.