Измыры  зæххæнкуысты  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 102-ы онг фæфылдæр ис
Измыры зæххæнкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 102-ы онг фæфылдæр ис

Измыры  зæххæнкуысты  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц ахæццæ ис  102-æ.  Уый фæдыл   информаци, туркаг агентад «Анадолу»   Турчы  катастрофæтыл реагир кæныны   агентады   æнцойæ хъусын кæны.

Зæххæнкуысты  фæстиуæгæн  зиæнттæ райстой  1000-æй   фылдæр адæймаг. Стихийы   зонæйы   ирвæзынгæнæн-агурæн   куыстытæ  цæуынц.  Ирвæзынгæнджытæ кæлддзæгты  бынæй  100-йæ  фылдæр адæймаг систой.

Турчы  хуырныгуылæны уæвæг   горæт Измыры  6,9 магнитудæйы   зæххæнкъуыст  30 октябьры æрцыд.  Зæххæнкъуысты фæстæ  сæдæгай  фæлхтагтæ  схуыстытæ  уыд.