Иугонд Паддзахады премьер-министр бæстæйы æппæтон карантин сфидар кодта
Иугонд Паддзахады премьер-министр Борис Джонсон бæстæйы æппæтон карантин сфидар кодта.
Ног мадзæлттæ сæ тыхы уыдзысты февралы астæу бонты онг æмæ ацы рæстæджы дæргъы куыст фæуромдзысты ахуыргæнæндæттæ, дуканитæ æмæ аивгæнæн салонтæ. Ресторантæ та æрмæст заказ хæдзармæ рахæссыны сервисæй кусдзысты.
Бæстæйы фæстаг иу къуыри у инфицирады æрвылбойнон бæрæггæнæн 50 000 фылдæр у.