Гуырдзыстоны райдыдта Иугонд Паддзахады фæсарæн нымæрдары официалон визит
Иугонд Паддзахады æддæ æмгарады æмæ райрæзты хъуыддæгты фæдыл паддзахадон нымæрдар Джеймс Клеверли Гуырдзыстонмæ æрцыд. Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты уымæн йæ размæ рацыд Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг теймураз Джанджалиа.
Фарсытæ фæныхас кодтой дыууæбонон визиты фæлгæтты плангонд фембæлдты æмæ маджзæлтты фæдыл. Банысан кæнинаг у уый, цæмæй визиты роæстæджы Джеймс Клеверли фембæлдзæн гуырдзиаг коллегæ Илиа Дарчиашвилиимæ æмæ Гуырдзыстоны хицауады сæрдар Ираклий Гъарибашвилиимæ.
Уый ма афтæдæр ныццæудзæн оккупацион хаххы цур æмæ бынатыл æрзонгæ уыдзæн уæвæг уавæримæ.
Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæвары, Марк Клейтоны фидиуæнæй, 2016 азы фæстæ, уый Иугонд Паддзахады æддæ æмæ æмгарады хъуыддæгты фæдыл паддзахадон нымæрдары фыццаг визит у Гуырдзыстонмæ.
«Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын фæсарæн хъуыддæгты паддзахадон нымæрдары, Джеймс Клеверлийы визитмæ ардæм Гуырдзыстонмæ. Уый у стыр цыт æмæ привилеги. Иугонд паддзахады фæсарæн хъуыддæгты паддзахадон нымæрдары фæнысангонд визит Гуырдзыстонмæ, фыццаг у 2016 азы фæстæ. Ис нын цыбыр, фæлæ тынг бонджын программæ. Арфæгæнæг дæн алы уыцы адæймагæн, гуырдзиаг фарсæй, чидæриддæр баст уыдис ацы визиты сыххæсты», – райхъусын кодта минæвар Марк Клейтон, кæцы Иугонд Паддзахады æддаг хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæгæн Тбилисы аэропорты йæ размæ рацыд.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.