Италийы сакъадах Сицилийыл вулкан Этна скалдис

 

Италийы  сакъадах  Сицилийыл вулкан Этна скалдис. Вулканы  сскалды тыххæй   сакъадахы  хурыскæсæны  уæвæг Комизойы æмæ  Катаниайы  аэропорттæ   сæ куыст рæстæгмæ фæурæдтой.

Сæумæрайсом  вулканы активондзинад фæкаддæр ис,  цæй   тыххæй  дæр   аэропорттæ  куыст хайгай  сног кодтой.

Этна  Европайы  сеппæтæй   бæрзонддæр æмæ активон  вулкан у.