Италийы парламенты депутатты палатæ Джузеппе Контей хицауадæн йæ фарс рахæцыд
Италийы бæрзонддæр закъондæттæг органы депутатты палатæ, премьер-министр Джузеппе Контейы хицауадæн йæ фарс рахæцыд.
Халæппарыны рæстæджы министрты ног кабинетæн схъæлæс кодтой дæллаг палатæйы 236 депутат, йæ ныхмæ – 236 закъондæттæг уыд, æрмæст 35 та хъæлæскæнынæй сæхи бфæурæдтой. Знон Италийы ног хицауадæн йæ фарс рахæцыд сенат дæр.
«Змæлд Фондз Сталы» æмæ партий «Лига»-ы бадзырдты фæстиæгæн арæзт ног кабинеты скондмæ бацыдысты «Змæлд Фондз Сталыйы» фараст æмæ парти «Лигайы» фондз минæвар. Гендерон баланс та Италий ыног хицауады афтæ адих ис , 18 постыл сныан кодтой сылгоймæгты.
Мидхъуыддæгты министры пост бацахста «Лига»-ы мнæвар Миатео Салвини. Экономикæйы министрадæн йæ сæргъ слæууыд «Змæлд Фондз Сталыйы» лидер Луиджи ди Майио. Фæсарæн хъуыддæгты министрадæн тæ къухдариуæг кæндзæн Энцо Моавер-Миланези.