Италийы æвзæр боныхъæды фæстиуæгæн дыууæ адæймаг фæхъуыд
Италийы æвзæр боныхъæды фæстиуæгæн дыууæ адæймаг фæхъуыд

Италийы  хъызты амæттаг фесты   дыууæ адæймаг.  Телекомпани  «Райньюс24» куыд хъусын кæны  афтæмæй, 27 аздзд сылгоймаг торнадойы фæстиуæгæн æрбамард, кæцы  цæрæн ран  Фоченейыл ныццавдта йæхи.  Фочене  Ромæй  15 километр дæрццæг лæууы.

Торнадойæ, базиан ис   цалдæр афтомобил, бæстыхæйттæн да  уад  сæ  уæлхæдзæрттæ  аскъæфта.

Знон 27 июлы  Хуссар Италийы  Тиролы  регионы  норвегиаг  дугъгæнæг  арвырттывды  фæстиуæгæн æрбамард. Уый  регионон згъорды   иста  хайад,ф æлæ  ерыс  боныхъæды   фæфыддæр тыххæй   æргъæвд æрцыд.

Италийы   фидар  тæвды фæстæ, метеорологтæ  къæвдайы,  уады æмæ  арвырттывдты   прогноз дæттынц.  Бæстæйы  цæгаты æмæ централон   районты  тасы   бурбынсырхгъуыз  æмвæзад расидтысты.