Италиайы аэропортты æмæ авиакомпаниты кусджыты  куыстурæды тыххæй  1000-ы онг  тахты аивдтой
Италиайы аэропортты æмæ авиакомпаниты кусджыты куыстурæды тыххæй 1000-ы онг тахты аивдтой

Италиайы   аэропортты æмæ авиакомпаниты  кусджыты   массон   куыстурæды тыххæй, 1000-ы онг тахт  аивдтой, цæй  тыххæй дæр зиан  баййæфтой  250 000 бæлццон, – информаци уый фæдыл   хъусын кæны æхсæнадæмон медиа.

Куыстурæд   кусджыты  сæйраг  домæн у  мыздтæ фæуæлдай кæнын  æмæ хуыздæр кусæн уавæртæ.

Медиа куыд фыссы афтæмæй,   куыстурæд  æххæссы  бæстæйы алы  аэропортмæ.

Ромы Да Винчийы  номыл аэропорты  200-ы  онг   тахт аивдтой.   Афтæдæр ивд уыдис  сæдæгай тахт Миланы, Венецийы æмæ Неаполы  сæйраг аэропортты.

Авиакомпанитæ   цалдæр бон   раздæр   фехъусын кодтой  бæлццæттæн  тахтытæ  аивыны тыххæй.