Италиайы фæсарæн хъуыддæгты министр - Ныгуылæн Украинайæн куы  нæ  баххуыс уа, уæд европæмæ  бирæ  стырдæр  тас æртхъирæн кæны æмæ  Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ   стыр рискъы раз  æрлæудзысты
Италиайы фæсарæн хъуыддæгты министр - Ныгуылæн Украинайæн куы нæ баххуыс уа, уæд европæмæ бирæ стырдæр тас æртхъирæн кæны æмæ Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ стыр рискъы раз æрлæудзысты

Ныгуылæн Украинайæн куы  нæ  баххуыс уа, уæд европæмæ  бирæ  стырдæр  тас æртхъирæн кæны æмæ  Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ   стыр рискъы раз  æрлæудзысты –у ый фæдыл  Италиайы  фæсарæн хъуыддæгты министр Антонио  Тайяни, Вашингтоны  Этони Блинкенимæ  иуæмйаг   пресс-конференцийыл  райхуъсын кодта.

Италиаг   дипломаты бафарстой Украинайы   гарзджын тыхты  контрбырсты  фæдыл:

«Контрбырсты тыххæй куы зæгъæм, уæд  мæ ныфс ис, уый  баххуыс уыдзæн сабырады æрдæм къахдзæф  саразынæн, уымæн æмæ   мах   алкæй  фæнды сабырад.  Æххуыс кæнæм Украинайæн, уымæн æмæ нæ   сабырад фæнды.  Ныгуылæн Украинайæн куы  нæ  баххуыс уа, уæд Европæмæ  бирæ  стырдæр  тас æртхъирæн кæны æмæ  Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæ   стыр рискъы раз  æрлæудзысты. Уымæ гæсгæйæ  дæр мах  уый  аразæм сабырдзинады æмæ  демократийы бахъахъхъæнынæн.  Фæнды нæ  сабырад. Ацы контрбырст  Украинайæ  уырыссæгты феддæдуар кæнынæн куы баххуыс уа, уый  Украинайæн æрыздахдзæн сæрибардзинад», –  райхъусын кодта Антонион Тайяни.

Украинайы НАТО-ы уæнгсуæвыны перспективæйы тыххæй, Италиайы  фæсарæн  хъуыддæгты министрад  нымайы, цæмæй  ацы  фæндагыл фыццаг къахдзæф, гæнæн ис  НАТО æмæ Украинайы  советы арызт суа, кæцыйы фæлгæтты  æрцæудзæн информацийы  баивд альянсы æмвæзадыл.