Итали рахаста уынаффæ 30 уырыссаг дипломаты феддæдуар кæныны фæдыл
Итали бæстæйæ 30 уырыссаг дипломаты феддуаркæнын ахицæн кодта. Фæнысангонды тыххæй Италийы фæсарæн хъуыддæгты министр Луиджи ди Майио райхъусын кодта.
«Мæ барамындæй, Италийы фæсарæн хъуыддæгты министрады генералон нымæрдар Этторэ Секи абон министрадымæ фæсидтис Уæрæсейы минæвар Сергей Резовмæ, цæмæй йын базонын кодтаит, Италийы хицауады уынаффæ минæварады кусæг 30 уырыссаг дипломаты феддæдуар кæныны фæдыл, уымæн æмæ уыдон «персон нон-гратайыл» нымад цæуынц», – райхъусын кодта Италий Фæсарæн хъуыддæгты министр.
Луиджи ди Мйиойы дзырдæй, зæгъгæ уынаффæ Италийы националон интерестæй рацæугæйæ райстой.
«Ацы уынаффæ, кæцы ист уыд Европаг æмæ Атлантикон партнертимæ разыйæ, сæвзæрдис уыцы нæмæнгхъæугæ аххосæгтæй, кæцы баст у нæ националон æдадсзинадимæ Украинамæ Уæрæсейы Федерацийы æнæраст бырстæй сæвзаргæ кризисы контексты», – загъта ди Майио.