Испанийы донивылдты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 95-мæ ахæццæ ис
Испанийы донивылдты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 95 онг сырæзт. Уыдонæй 92 адæймаг фæмард Валенсийы катастрофæйы.
Испанийы æдасдзинад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты департамент дарддæр кæны цæрджыты фæдзæхсын боныхъæды фæфыддæры тыххæй.
Кастельоны, Валенсийы æмæ Аликантейы цæрæг адæмæн рауагътой куыд æрттиваг, афтæ сырх дæр. Донивылдтыты фæстиуæгæн дæсгай муниципалитеттæ доны бын фесты, фæндæгтæ æмæ трассæтæ æхгæд æрцыдысты, хидтæ та ныппырх сты.
Донивылды фæдыл коментар сарæзта бæстæйы премьер-министр. Педро Санчес æрсидтис æмбæстæгтæм иттæг къæрцхъус уой тыхдымгæ «Дана»-йы тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æнусы иууыл тыхджындæр тыхдымгæ Испанийы бахауд.