Ирвæзынгæнæн мадзæлттæм баиуы нысанæн, Гуырдзыстонæй Туркмæ абалц кодтой ирвæзынгæнджытæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы уынаффæйæ, Турчы æрцæугæ зæххæнкъуысты тыххæй, ирвæзынгæнæн мадзæлттæм баиу кæнынæн, Туркмæ ирвæзынгæнджытæ абалц кодтой, афтæма æрвыст уыд æмбæлгæ техникæ. Информаци уый фæдыл хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.
«Турчы æрцæугæ пырхгæнæг зæххæнкъуысты фæстиуджытыл реагиркæнæн куыстытæм баиу кæныны нысанæн Гуырдзыстонæй æрвыст уыд мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куысты сæрмагонд уавæртыл реагиркæныны сæйраг уагдоны базæйæ – 60-ы онг зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг, афтæма æмбæлгæ ирвæзынгæнæн ифтонггæрзтæ æмæ техникæ.
Гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты бал, кæцы Туркмæ араст ис, комплектгонд у зæххæнкуысты фæстиуджыты ликвидацион æмæ ирвæзынгæнæн мадзæлттæ сыххæст кæнын ахуыргонд зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæй.
Гуырдзиаг ирвæзынгæнджытæн, ирвæзынгæнæн мадзæлтты координаци кæны уæлвæтк уавæрты куысты хистæр – Теймураз Мгъебришвили.
Афтæма абон, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури, Турчы Республикæйы мидхъуыддæгты министр, Сулейман Соилуйæн министрады номæй мæсæллæййы фыстæг арвыста æмæ æрцæугæйы тыххæй хъыгтæ радзырдта», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.